Гецаты Валерий бæстæйы гæрзифтонг тыхтæн радта 35 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ йæ куысты сси дæнцæгæн хæссинаг. Иттæг хорз зоны сусæг басгæрсты æууæлтæ. Нæлгоймаг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æфсады службæ у йæ царды хуыздæр рæстæг. Æвзарын æй куы хъæуид, уæд та ногæй æрлæууид ацы фæндагыл.
Æнахъом сывæллонæй фæстæмæ йе стырдæр бæллиц уыд службæ кæнын. Æмæ уый диссаг нæу, йæ фарсмæ уыд хуыздæр дæнцæг – йæ æхсарджын фыд. Лæппу-иу арæх йæхиуыл барста æфсæддон дарӕс, уарзта хæсты цаутæм хъусын. Уæд йæхицæн хъæддыхæй загъта, æфсæддон кæй суыдзæн. Скъолайы фæстæ Гецаты Валерий ахуыр кæнынмæ бацыд æфсæддон училищæмæ. Цыбыр рæстæгмæ хæцæнгарзимæ бафидыдта, ротæ та сси йæ дыккаг бинонтæ.
“Уарзон къамандыгæнæгæн” зӕрдылдарӕн фыстимæ сахат сси хъæддых бастдзинад æмæ æфсæддон хæлардзинады нысан. Дæргъвæтин службæ Чехословаки, фæстæдæр Дард Хурскæсæны æмæ Мæскуыйы Фрунзейы академийы сгарæг батальонты.
Фæстаг барбалц Сиримæ. Фæстæдæр нæлгоймаг йæ куыстæй ацыд, ныртæккæ ис паддзахадон оргæнты. Скъолаты æмæ колледжты кæсы лæгдзинады уроктæ. Фæсивæд цымыдисæй байхъусынц службæйы рæстæджы цаутæм, практикæйы базонынц æфсæддон цæттæдзинады раззагдæр æууæлтæ.
Ацы бынат истори хъахъхъæны. Документтæ, фыстæджытæ, къамтæ. Æвдыст дзы цæуынц, нæ бæстæ æмæ цæрджытæ цы зын рæстæджытæ баййæфтой, уыдон. Ветеранты совет. Ацы организаци бæтты карджын адæмы. Бирæтæ дзы ам ссардтой æцæг хæлæртты. Арæх иумæ сæмбырд вæййынц, сæ рæстæг пайдаимæ арвитынц, æрымысынц ивгъуыд бонтæ. Æмархайд кæнынц æхсæнадон царды дæр. Бæрæгбонты бабæрæг кæнынц сæ æмкусджыты.
Ацы цаутæм хъусгæйæ, адæймаг бамбары, куыд ахсджиаг у æмдых æмæ æмзонд уæвын. Зындзинады æмæ фыдбылызы макæй ныууадзын. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Гецаты Валерий. Тохы быдырæй рахаста йæхицæн уыцы зонд. Знаджы æрмæст уæд ис басæттæн, иумæйагæй йæ ныхмæ куы æрлæууай, уæд. Уый ахсджиаг у абон дæр. Нæ хъайтартæ сты хæсты ветерантæ. Цалынмæ сæ мах хъуыды кæнæм, уæдмæ цæрдзысты, – зæгъы нæлгоймаг.
















