Кувæн Дзуар сæвæрдтой, рагæй цы аргъуанмæ æнхъæлмæ кæсынц Октябрскæйы æмæ кæм арæзт æрцæудзæн, уыцы бынаты. Дзуарыл саргъуыдта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид.
Хæстæгдæр азты дзы самайдзысты Чырыстийы райгасы аргъуан. 20 азæй фылдæр бынæттон цæрджытæ дзырдтой ацы хъуыддагыл. Хъæу гыццыл нæу, аргъуан та дзы уымæн бацагуырдтой.
Фарон Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артуры æххуысæй арæзтадæн зæхх радих кодтой. Йæ бынат та йын сбæрæг кодтой Октябрскæйы цæрджытæ сæхæдæг хъæлæс кæныны руаджы.
















