Ахуырадон уагдæтты рацарæзты фарстатыл Мæскуыйы æрдзырдтой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ бæстæйы рухстауыны министры хæдивæг Андрей Николаев. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы бирæ скъолатæ цалцæггонд цæуынц сæрмагонд программæйы фæлгæты.
2022-æм æмæ 2023-æм азты æдæппæтæй сног кæндзысты 66 скъолайы. Æдæппæтæй ацы хъуыддагæн снысан кодтой 4 млрд сомы. 2024-æм 2025-æм азты цалцæгмæ республикæ балæвæрдта 70 ахуырадон уагдоны. Цы æхцайы фæрæзтæ сын хъæуы, уыдоны бæрц у 4,4 млрд сомы. Цæгат Ирыстоны егъау куыст бакæндзысты сывæллæтты рæвдауæндæттæ цалцæг кæнгæйæ дæр. Сног кæнын хъæуы скъолайы агъоммæ 60 уагдонæй фылдæр. Уыдонæй 33-йæн ныридæгæн бацæттæ кодтой хъæугæ гæххæттытæ.
Ахсджиаг у объекттæн æхцайы фæрæзтæ раст снысан кæнын. Ныхас ма цыд, ахуырадон уагдæттæн уæлæмхасæн хуызы æхцайы фæрæзтæ рахай кæныныл. Уый баст у арæзтадон æрмжджы аргъ кæй схызт, уыимæ.
















