Бырæттæй обæуттæ, къултæ та хуынчъытæ. Ахæм уавæры ис Леваневскийы номыл уынджы 94-æм хæдзар. Уымæладæй тыхсынц куыд хистæр кары адæм, афтæ сывæллæттæ дæр. Бæстыхайы бæрнон кусджытæ сæрмагонд иртæстытæ скодтой. Кæлæдздзагыл нымад не`рцыд. Фарста аиуварс кæнæн ис бындурон цалцæджы фæрцы, фæлæ хæдзары рад æрхæццæ уыдзæн æрмæст 2036-æм азы.
Фыццаг бакастæй зын зæгъæн у, ацы бæстыхай бирæфатерон хæдзары пъадвал кæй у, уый. Бырæтты обæутты астæуæй доны хæтæлтæ зынынц. Бамбыдысты – æнусы ‘рдæгæй сыл фылдæр цæуы. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, хæдзары бын донæй кæй байдзаг, уымæй уæлдай ма фатерты къултæ дæр схъуына сты. Хуынчъытæ сыл фæзынд, цар згъæлы. Уæдæ къæвдабон тастæ æмæ ведратæ нал фæфаг кæны. Адæм фидарæй дзурынц, сæ хæдзар кæлæдздзаг кæй у æмæ дзы цæрынæн фадæттæ кæй нæй, уый.
Цæрджытæ 10 азæй фылдæр æххуыссмæ сидынц алыхуызон бæрнæдтæм, фæлæ ницы. Суанг ма цы разамындæттæг компанийы бæрны ис хæдзар, уый дæр нæ зонынц. Уымæ гæсгæсæ, бахъæуы хибарæй иуварс кæнын хъæдзаримæ баст фарстатæ. Фæлæ уый дæр алкæй бон нæу. Ам цæры бирæ карджын адæм æмæ бирæсывæллонджын бинонтæ.
Бирæтæ фыртыхстæй сæ фæстаг æхцайæ фатер хаццоны райстой æмæ уырдæм ацыдысты цæрынмæ. Уымæн æмæ, куыд зæгъынц, афтæмæхй ам хæринаг кæнын, дзаумæттæ æхсын æмæ æфснайынæн фадæттæ нæй. Фарста райхалыны фæдыл бахатыдыстæм Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Уым нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй специалисттæ скодтой сæрмагонд иртæстытæ. Хæдзар кæлæдздзагыл нымад не`рцыд. Фарста аиуварс кæнæн ис æрмæстдæр бындурон цалцæджы фæрцы.
Хæдзары уавæрæн бындурон цалцæг куы нæ баххуыс уа, уымæй цæрджытæ тæрсынц. Уымæ гæсгæ, зæрдæ дарынц, ног цæрæнуæттæм сæ кæй раивдзысты, ууыл.
















