Цæгат Ирыстоны скъолаты карантин аргъæвтой 12-æм февралмæ. Ахæм уынаффæ рахастой республикæйы гриппы эпидемиологон уавæры тыххæй.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, адæмы `хсæн апарахат сты гриппы вирусы дыууæ хуызы: А æмæ В. Æрвылаз дæр уыдон сынтæджытæм æрфæлдахынц бирæ адæмы. Цæмæй æгæр ма парахат кæной, уыйтыххæй ма республикæйы æндæр бонтæм аргъæвтой культурон мадзæлттæ дæр. Адæм бирæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы рæтты грипп тынгдæр æмæ тагъддæр ахæлиу вæййы.
Дохтыртæ сидынц цæрджытæм, цæмæй, витаминтæ æмæ кальци кæм ис, ахæм хойрæгтæм сæ ных фылдæр саразой. Арæхдæр ма хъæуы сыгъдæг уæлдæфмæ цæуын дæр. Иугæр та адæймаг йæхи æвзæр банкъардта, зæгъгæ, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтыртæм цæуын.
















