«Къæбиц æфсинæн — бæркадæмбæхсæн». Ацы æмбисонд баззад нæ фыдæлтæй. Бирæ сылгоймæгты æмхуызон йæ къæбиц дзаг кæны Алагиры цæрæг Боситы Ритæ. Зымæгмæ цæхджынтæ куыд цæттæ кæны, уый уынынмæ ацыдыдис нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ.
Хæринаг хуымæтæг куы уа, фæлæ йæ зæрдиагæй куы бацæттæ кæнай, дæ къухты хъарм дзы куы бауадзай, уæд рауайы хæрзаддæр. Хæринаг кæнгæйæ йæхи сусæгдзинæдтæ ис Боситы Ритæмæ дæр. Зымæгмæ цæхджынтæ æвæргæйæ спайда кæны алыхуызон хæрздæф кæрдæджытæй.
Æмæ кæд бирæ æфсинтæ зымæгмæ цæхджынтæ нал цӕттӕ кӕнынц, уæд Ритæ та рагацау райдайы цæттæ кæнын. Ныртæккæ дæр йæ къæбицы тæрхæджытæ дзаг сты цæхджынтæ, салаттæ æмæ компоттæй. Ахсджиагдæр та уый у, æмæ бинонтæ пайда кæнынц сæ цæхæрадоны цы халсартæ зайы, уыдонæй. Сæхицæй уæлдай ма сæ байуарынц хиуæтты ‘хсӕн дæр.
Хистæрты къух фæрог кæнынмæ рæвдз сты кæстæртæ дæр. Сæ хъæбулы хъæбул Дзерассæ æнæзивæгæй нурытæ астъигъы, пъамидортæ æрыссы, цæхæрадонæй æрбадавы джитъритæ.
Уый бæрц фæллой кæнынмӕ хъарутӕ кæцæй исут, зæгъгæ, Ритæйы куы бафарстам, уæд нын дзуапп ратта, бинонтæ æнгом куы уой, кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр кӕй æфты. Боситы Хъауырбег æмæ Ритæ иумæ цæрынц 49 азы. Сæ иумæйаг цардыл никуы фæфæсмон кодтой. Ис сын 3 хъæбулы æмæ 6 хъæбулы хъæбулы.
Бæркадджын фæззæг æрхæццæ кæны. Быдырты, цæхæрадæтты тыллæг æфснайынц. Хæдзары æфсинтæ дзаг кæнынц къæбицтæ. Цæмæй даргъ æмæ уазал зымæг бинонтæ цух мацæмæй баййафой.
















