Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло бацархайдта «Армия-2021» форумы Мæскуыйы. Мадзаларазæг нæ бæстæйы хъахъхъæнынады министрад. Егъау экспозицитæ байгом кодтой ныр æвдæм хатт. Æфсæддон марафон цымыдисаг вæййы специалисттæн, æфсæддон эксперттæн, фæсарæйнаг минæвæрттæн æмæ хуымæтæг адæмæн.
Хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ форумы бацархайдзæн 97 бæстæйӕ делегацитæ, æппæтадæмон æфсæддон хъæзтыты та архайдзæн 43 паддзахады. 27-æм æй 29-æм августмæ æппæтадæмон техникон форум «Армия» ацæудзæн Цæгат Ирыстоны дæр. Мадзалы сæйраг хæс — Уæрæсейы æфсады хъомыс равдисын. Ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Кæд æфсæддон техникæйы иуæгтæ хæссынц уӕздан ӕмӕ лӕмӕгъ дидинджыты нæмттæ, уæддæр ныхмæлæууæгæн æмбæлгæ ныхкъуырд ратдзысты. Форум «Армия-2021»-ы репетицийы архайынц куыд техникæйы раздæры иуæгтæ, афтæ ногтæ дæр.
Лейтенант Петр Гончаров разамынд дæтты хӕддзӕугӕ хӕстон комплексӕн – «БУК М3». Системæ уыны æмæ пырх кæны знаджы хæдтæгджытæ æмæ ракетæтæ. Æнтыстджынæй архайы зæххыл дæр.
Ам сӕ фарсмӕ рӕмудзӕн системӕ, хӕддзугӕ гаубицӕтӕ, нырыккон хӕдтӕхгӕ аппараттӕ, хӕцӕнгарзы хуызтӕ. Форумы агъоммæ генералон репетици цæуы 58-æм æфсады къамандыгæнæг Михаил Зуськойы разамындæй. Алы фезмæлд дæр хъуамæ уа фæткмæ гæсгæ. Нырыккон техникæ хорз у, фæлæ тохы быдыры хъуыддаг фылдæр аразгæ у æфсæддонтæй. Сæрмагонд къордтæ сты ӕвзонг ӕмӕ къæрцхъус. Арæх бахъæуы ныхмæллæуæгимæ æнæ хæцæнгарзæй тох кæнын. Уымæ гæсгæ къуххæсты арæхстдзинадмæ уæлдай æргом æздахынц.
Мотоæхсæн хайад сбæрæг кодта ныхмæлæууæджы гæрзифтонг æфсад. Знагæн бантыст æфсæддон хæдтулгæ срæмудзын. Хайады къамандыгæнæджы уынаффæмæ гæсгæ æфсæддонтæ сæхи цæттæ кæнынц ныббырстмæ. Иумæйаг тыхтæй бантыст ныхмæлæууæгыл фæтых уӕвын.
Æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум республикæйы аразынц æртыккаг хатт. Фæлæ ацы аз, æфсæддонты ныхæстæм гæсгæ, мадзал уыдзæн егъаудæр.
Форум «Армия-2021» цæудзæн 27 августæй 29 августы онг æфсæддон-спортивон клуб «ДОСААФ»-ы. 58-æм æфсады техникæ фенæны фадат уыдзæн алкæмӕн дæр. Уазджытæн бацæттæ кæндзысты сæрмагонд бынæттæ. Форуммæ бацæуæн уыдзæн лæвар.
















