Алайнаг гимназы байгом ногарæзт чиныгдон. Сифтонг ма йæ кодтой тæккæ нырыккондæр фæткмæ гæсгæ. Куыстытæ райдыдтой ахуыры азы райдиан æмæ ныр бæстыхай у цæттæ. Ацы бонмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты куыд скъоладзаутæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр. Ног, райдзаст чиныгдон байгом кодтой кадджын уавæры. Сæ циндзинадмæ сын саккаг кодтой бирæ уазджытæ. Сабитæн зæрдиагæй раарфæ кодтой. Уæдæ сын хъæугæ лæвæрттæ дæр куыд нæ скодтой.
Чиныгдон цы у æмæ дзы цас цымыдисаг зонындзинæдтæ райсæн ис, уый Алайнаг гимназы ахуыргæнинæгтæ хорз зонынц. Ам кæддæриддæр уыдысты арæх уазджытæ. Фæлæ уавæртæ раздæр уыдысты зæрдæхсаинаг.
Ныр чингуыты хæлæрттæн уæлдай æхсызгон у рæсугъд, цалцæггонд, райдзаст къуыммæ æрбакъахдзæф кæнын. Фыццæгæм къласы ахуырдзаутæн та радтой чиныгкæсæджы билеттæ. Ныр уыдон дæр сты чиныгдоны æцæг кæсджытæ. Уый фæдыл зæрдæргъæвдæй бацæттæ кодтой сæ уарзондæр æмдзæвгæтæ.
Чиныгдон цалцæг кæнын райдыдтой ахуыры азы райдианы. Алы лыстæгдзинадмæ дæр æркастысты лæмбынæгæй. Гимназы разамонæг куыд загъы, афтæмæй сæ фæндыд, цæмæй дзы æнæмæнг уа ирондзинады уддзæф. Уæд сразы сты, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы сурæтæй хуыздæр дзы кæй ницы рафидаудзæн.
Алайнаг гимназы циндзинадмæ саккаг кодтой бирæ кадджын уазджытæ. Сабитæн зæрдиагæй раарфæ кодтой ирон филологийы кафедрæйы, ахуырады министрады, дæсныйад уæлдæргæнæн институты, фыссджыты цæдисы æмæ «Стыр ныхас»-ы минæвæрттæ.
Уæдæ цæмæй скъоладзаутæн чиныг уарзынæн фылдæр фадæттæ уа, уый тыххæй сын Кучиты Руслан æмæ Дзасохты Музафер скодтой хъæугæ лæвæрттæ – алыхуызон дзырдуæттæ, аивадон литературæ, нарты кадджытæ. Уымæй уæлдай ма Дзасохты Музафер чиныгдонæн балæвар кодта йæхи уацмысты æмбырдгонд. Куыд зæгъы, афтæмæй стыр аргъ кæны, Алайнаг гимназ ирон æвзаджы райрæзты сæраппонд цы куыст кæны, уымæн.
Нæ республикæйы ахуырады Алайнаг гимназ у фæрнæйдзаг къахдзæф. Ныридæгæн полилингвалон системæйы ахадындзинад бæрæг дары. Сывæллæттæ сыгъдæг дзурынц ирон литературон æвзагыл. Ныр сæм цы егъау æнтыстдзинæдтæ ис, уыдон ног чиныгдоны руаджы дывæр кæй кæндзысты, уый дызæрдыггаг нæу.
Дзæдзойты Фатимæ
















