Дзæуджыхъæуы ныхас кодтой амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнын æмæ сæм фæкæсыны мадзæлттыл. Горæты администрацийы уыдис амалхъом адæмы Советы радон æмбырд. Архайгæ дзы кодтой куыд сæхæдæг, афтæ бардарæг кусæндæттæ дæр.
Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй Совет архайы инвестицион фадæттæ уæрæх кæныныл æмæ адæмы амалхъомдзинады æууæлтимæ зонгæ кæныныл. Амалхъом адæймаг суæвын кæй фæнды, уыдонæн æххуысы тыххæй администрацийы сарæзтой сæрмагонд фонд дæр. Йæ бон уыдзæн чысыл рæстæгмæ æфстау æхца дæттын. Йæ разамонæг Дзукъаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, фонд хæссы стыр пайда, уæдæ дзы хæсджын дæр абоны онг ничи фæцис. Уый дзурæг у, сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсынц, ууыл.
Æмбырды кæронбæттæны Æлбегаты Барис арфæ ракодта Советы уæнгтæн сæ куысты тыххæй. Фæсидт сæм, цæмæй дарддæр дæр амалхъом адæмы фарсмæ æрбалæууынмæ цæттæ уой.
















