Джызæлы цæрджытæ баззадысты æнæ фæндæгтæй газуадзæн куыстыты фæстæ. Ивгъуыд азы кæрон хъæуы уынгты хæтæлтæ ивтой, фæлæ сæ хъуыдæгтæ куы фесты, уæд сæ фæстæ лæхъир малтæ ныууагътой. Адæм куы бафæлладысты цъыф змæнтынæй, уæд фæйнæрдæм хъаст кæнын райдыдтой. Сæ видеокадртæ ахæлиу сты социалон хызæгтыл. Æмæ æцæгæйдæр æмбисондау рауад: сывæллон скуыдта æмæ йæм йæ мад дæр уæд фездæхт. Цæмæн афтæ зæгъæм, уый ныртæккæ бамбардзыстут.
Ивгъуыд къуырийы кæрон социалон хызæгты апарахат сты Джызæлæй кадртæ. Адæм дзы хъаст кодтой сæ фæндæгтыл. Хæдтулгæйæ нæ, фæлæ, дам, дзы фистæгæй ахизын дæр стыр зындзинад свæййы. Алы ран – цъыф æмæ лакъон доны малтæ. Уыдæттæ фæзындысты газуадзæн куыстыты фæстæ. Уынджы ацы уаддзагыл ивтой хæтæлтæ. Куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты, газы хæдзарад дзыхъхъытæ фæстæмæ аныгæдта. Фæлæ куыдтæтæ, уый социалон хызæгты кадртæй бæрæг дардта.
Кадртæ куыддæр фæзындысты, афтæ сæм хъус æрдарæг дæр разынд. Ныртæккæ газуадзæн хæдзарад æмæ æндæр бæрнон куыстуат архайынц, цæмæй фæндæгтæ раздæры уавæрмæ æркæной. Кæм уал райдыдтой, уым сæ хъæуы зæххы уæлцъар сисын æмæ йæ ногæй раивын. Æдæппæтæй сæ уыцы хæстæ баххæст кæнын хъæуы 400 метры дæрддзæгыл.
Куыстытæ уал ахæццæ сты æмбисмæ. Къуырийы кæронмæ хъуамæ æххæстæй дæр фæуой. Ацы ран сæ кæронмæ куы бацархайой, уæд бавналдзысты иннæ уынгтæм дæр. Зæгъгæ, Джызæлы 2-æм скъолайы рахизæнтæм. Æрмæст куыстытæ æххæстгæнæг организацийы адæммæ сидынц, цæмæй уалдзæджы ралæудмæ банхъæлмæ кæсой.
















