Ирыстоны цæргæйæ бæрæгбон сбæрæг кæнын æнцон у, фадат æмæ гæнæнтæ фылдæр ис. Фæлæ фæсарæнты уæвгæйæ, æндæр адæмы хатты уагыл цæргæйæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ æххæст кæнын – уæлдай ныхасы аккаг у. Нæ дарддæры æрмæг у Гугкаты бинонты тыххæй. Цæрынц Анкарайы. Ацы бæрæгбонымæ сæхи зæрдиагæй фæцæттæ кæнынц. Фæнды сæ, сæ фыдæлты æгъдæуттæ дарддæр дæр хъахъхъæной, сæ кæстæртæн сæ стырдæр хæзнайау балæвар кæной.
Гугкаты Хасер бæрæгбонмæ рагацау райдайы цæттæ кæнын. Фынгтыл алыхуызон хæринæгтæ. Фæлæ дзы ахсджиаг бынат ахсынц ирон чъиритæ. Фæсарæнты цæргæйæ æгъдæуттыл хæцын уæлдай ахсджиаг у. Цавæрдæр тых дæттынц, зæгъы Гугкаты Хасер. Бинонтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нымайынц ирон бæрæгбæттæ. Амонынц сæ кæстæртæн.
Гугкаты Ниязы хæдзары Лæгты Дзуармæ кувæн къуырийы æнæмæнг конд æрцæуы æртæ кæрдзыны. Бинонтæ бацæттæ кæнынц сæхи ирон æгъдау куыд амоны афтæ. Сæ хистæр фырт Исмаил Стыр Хуыцауыл бафæдзæхсы кæстæрты.
Ирон адæм Турчы æрцардысты ивгъуыд æнусы. Се ‘хсæн уыдысты Гугкаты бинонтæ дæр. Уыдон Хуымæллæгæй хуыздæр цард агур алыгъдысты Туркмæ.
Гугкаты Ниязæн ис стыр æмæ æнгом бинонтæ. Иууылдæр сты ирон æгъдауыл хæст. Нымайынц æмæ стыр аргъ кæнынц Ирыстонæн. Зонынц ирон æвзаг бæрæг кæнынц бæрæгбæттæ. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ сæрыстырæй хæссынц ироны ном.
















