Завод «Электроцинк»-ы зæххы хай ратдзысты Дзæуджыхъæуы муниципалон исбонадмæ. Уый тыххæй аппаратон фембæлды рæстæг загъта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фембæлды фæлгæты ма æрдзырдтой промышленность, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатыл. Уымæй уæлдай ма æргом аздæхтой Уæрæсейы президент Владимир Путины фæдзæхстытæм æмæ национ проекттæм.
Завод «Электроцинк»-ы фæзуат фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы бæрны бакæнын. Зынгсирвæзты фæстæ куыстуат консервацигонд æрцыд. Ныр йæ бынаты цы фæзуат ис, уымæй хъæуы раст спайда кæнын. Уый тыххæй Сергей Меняйло дзырдта Уæрæсейы президентимæ. Республикæйы сæргълæууæг дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта хъæугæ документтыл бакусын.
Æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы промышленнон куыстуæттæй индустриалон парктæ скæныны мадзæлттыл дзырдтой хицæнæй. Сергей Меняйло профилон министрадæн бахæс кодта, инвестицион хъомыс цы фæзуæттæн ис, уыдонæй се ’ппæтæн дæр æмбæлгæ паспорттæ саразын. Закъонмæ гæсгæ раст цы зæххы хæйттæй нæ пайда кæнынц, уыдон хъуамæ фæстæмæ республикæйы бæрны бакæной. Уый у ахсджиаг хъуыддаг.
Хъæуты æмæ горæтты аив бакаст цы объекттæ халынц, уыдоны фидæнмæ хъæуы лæмбынæгдæр æркæсын. Ныхас цæуы зæронд æрдæгарæзт бæстыхæйттыл. Алы объекты фæдыл дæр хъæудзæн уынаффæ рахæссын.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, уавæрыл сахаддзысты къуырийы кæронмæ. Сæйраг парчы æрдæгарæзт бирæуаладзыджы хæлдимæ дæр къуылымпытæ нæй, фæнысан кодта Милдзыхты Вячеслав. Дзырдтой цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы фарстатыл. Банывыл кæнын хъæуы дондзæуæн системæты куыст.
Аппаратон æмбырды дзырдтой цардæн æнæмæнг хъæугæ хосты ифтонгдзинады тыххæй. Цæрджытæй хъаст кæнынц. Сæрамагондæй нæ фаг кæны инсулин. Сергей Меняйло карзæй æрдомдта уавæр сраст кæнын. Льготон хостæ хъуамæ хæццæ кæной æппæт цæрджытæм дæр. Медицинон мобилон къордты куысты тыххæй дзцуапп лæвæрдта Тебиаты Сослан. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæн Сергей Меняйло бафæдзæхста диспансеризацийы куыстмæ бæстондæр æркæсын.
Премьер-министр Тускъаты Таймураз радзырдта, нацпроектты фæлгæты бæлвырд æмгъуыдмæ цы объекттæ арæзт нæ цæуынц, уыдоны тыххæй. Се ’хсæн рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ культурæйы хæдзæрттæ.
Тускъаты Таймураз бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджыты æргом аздæхта æппæт объекттæм дæр, цæмæй сæм сæ хъус дарой.
















