Нæ республикæйы сæргълæууæг, Битарты Вячеслав фембæлд Алагиры районы хуыздæр кусджытимæ. Ног азы къæсæрыл сын арфæйы ныхæстæ ракодта. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй районы ацы аз бирæ куыстытæ бакодтой. Ацы аз районы фæзынд сæрмагонд бынат дыргътæ дарынæн.
Уыимæ ма, Зæрæмæджы гидроэлетростанцæйы арæзтадон куыст дæр кæронмæ æрхæццæ. Æнтыстдзинæдтæй уæлдай, Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, райхалинаг фарстатæ нырма бирæ ис районы. Сæ риссагдæртæй иу- доны фарста. Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иннæ аз рахай кæндзысты хъæугæ фæрæзтæ дондзæуæн системæ раивынæн. Сæ куыстæй район æмæ республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый фæдыл Битарты Вячеслав районы кусджытæн загъта бузныджы ныхæстæ.
Ахуырад, культурæ, хъæууон хæдзарад. Алы къабæзты хуыздæр кусджыты Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта кады гæххæттæ æмæ арфæйы фыстæджытæй. Дыууæйæн та саккаг кодтой къабазы сгуыхт кусæджы ном.
















