Адӕймаджы зыд ӕмӕ ӕгӕрон гуымирыдзинад. Ахæм ныхæстæ загъта Сергей Меняйло раззаг азиаг фыранк Леойы фехсты фæстæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой республикæйы æрдзон æвæрæнты министрадæй. Ныртæккæ, информаци мæнг у æви нæ, уый иртасынц барадхъахъхъæнæн оргæнтæ. Кæд раст разына, уæд браконьерты бафхæдзысты уголовон кодексмæ гæсгæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, кавказаг нӕл-барс Лео, сыл-барцытӕ Хостæ æмæ Лаурæйы хъæддаг æрдзмæ ауагътой афæдзæй гыццыл раздæр. Ацы цæрæгойтæ стæм сты ӕмӕ сын тæссаг у фесæфынæй. Ивгъуыд азы астæу адæмы аххосæй фыранк нæ хæхтæй фесæфт. Абон ахуыргондтæ удуæлдайæ архайынц мыггаг сног кæныныл. Программæйы райрæзтмæ йæ цæст дары президент Владимир Путин. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, цæрæгойтæй иуы амарыны тыххæй æрмæст уголовон æгъдауæй æфхæрын нæ хъæуы, фæлæ уый у ӕбуалгъы ӕгад ми.
















