Дзæуджыхъæуы сарæзтой гæрзифтонг тыхты цымыдисаг мадзæлттæ. Кæд æфсæддонтæ ахуырты уыдысты æмæ-иу фæдисы тагъд фестадысты, уæд офицерты раз та æндæр хæс æвæрд ис. Хъуамæ рабæрæг кæной, быдыры уавæрты чи хуыздæр æмæ хæрзаддæр хæринаг кæны, уый. 19-æм æхсæн бригадæйы тохы бацыдысты хæринаггæнджытæ. Хæринаг та хуымæтæг æфсæддонтæ нæ кæнынц, фæлæ фæлхасадон службæты разамонджытæ. Арæхсынц, æви нæ, уый – нæ дарддæры æрмæджы.
Быдыры хæринаггæнæны пецты арт реактивон зæлтæй фыддæр сыф-сыф кæны. Уæдæ аджы уæлхъус дæр хуымæтæг æфсæддон хæринаггæнджытæ нæ лæууынц, фæлæ фæлхасадон службæты разамонджытæ. Уый та, зæгъæм, рестораны хæринаг директортæ куы кæниккой, афтæ. Сæ сæйраг хæс æмæ нысан у тæхджытæн хæрзад хойраг скæнын. Уымæ гæсгæ сæ бæрны ис алыхуызон быдыры хæринаггæнæнты хуызтæ. Ахуыр кæуыл стæм, уымæй хицæн кæны. Цæмæй, уый нын радзырдта уæлдæфон-æфсæддон тыхты фæлхасадон службæты разамонæг Ренат Хаиров.
Арæзт у пъалаткæтæй, цехтæй, хæринаг кæм кæнынц, кæм уарынц æмæ кæм хæрынц, ахæм хайæ. Хæрæндоны ис 40 бадæн бынаты, уаргæ та хæринаг бакæны лæггадгæнæг
Æфсæддоны фынгыл, æнæмæнг, хъуамæ уа ногфых дзул. Дзулфыцæг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уавæрты хæринаг кæнынæн рæстæг бирæ нæ вæййы. Уымæ гæсгæ, сарæхстысты æмæ сæхи сæрмагонд хуызæг æрхъуыды кодтой.
Быдыры уæвгæйæ дзул тагъд афыцын хъæуы, цæмæй æфсæддонтæ стонг ма уой. Сæ хæс æххæст кæнынмæ цæттæдзинад хъуамæ ма цуда, уый тыххæй дзул фыцынц æдас хуызы.
Командæты бæрц æдæппæтæй у 30, алкæцыйы дæр дзы 2-йæ 4 адæймаджы онг. Иуылдæр фыцынц, уыцы иу хæринæгтæ: борщ, дзидза сауфагæимæ æмæ витаминтæй æххæст салат. Алцæмæ дæр дзы цæст дарынц домаг жюрийы уæнгтæ. Уæдæ сын цы домæнтæм гæсгæ кæнынц аргъ, уыдон дæр сусæггаг не сты. Алцыдæр хъуамæ уа æфсæддон фæткау бæлвырд. Хæринаг хъуамæ адæй дæр, хуызæй æмæ тæфæй дæр хæрзад уа.
Хъуамæ æнæмæнг быдыры уавæрты хæринаг кæныны арæхстдзинæдтæ равдисой. Хуыздæрты арвитдзыстæм æппæтæфсæддон конкурсмæ, уым хъахъхъæндзысты республикæйы кад.
Фæзæгъынц афтæ, хæст хæстæй, фæлæ сихор акæнын та фæткмæ гæсгæ. Ныры рæстæг æфсады салдат цы хæры, уымæ лæмбынæг кæсынц. Уыимæ ма æфсæддон хæринаггæнджытæ сæ арæхстдзинæдтæ ногæй-ногмæ ивынц. Уæдæ цы кусæнгæрзтыл æмæ мигæнæнтæй кæнынц хæринаг, уыдон дæр ивынц. Æрвылаз æфсад канд ног хæцæнгарзæй нæ ифтонг кæнынц, фæлæ ма дзы сног вæййынц быдыры хæринаггæнæнтæ дæр. Суанг ма сæм, цæстыфæныкъуылдмæ кæй ацаразай 200 адæймаджы фаг, ахæм хæрæндæттæ дæр ис.
Джиоты Николас
















