Абон Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ кадджын уавæры бакъахдзæф кодтой цалцæггонд бæстыхаймæ. Ацы цаумæ ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимӕ æнхъæлмæ кастысты 3 азы.
Кадджын мадзал райдыдта сæрмагонд концертæй, скъолайы кæрты бæрзонд систой тырысатæ. Æмæ цалдæр минуты фæстæ сабитæ бакъахдзæф кодтой ног бæстыхаймæ. Скъоладзауты цинæн кæрон нæй.
Ацы цаумæ сабитæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ æнхъæлмæ кастысты æртæ азы. Зонындзинæдтæ рæстæгмæ истой æндæр ахуыгæнæндæтты. Ныртæккæ ам ис æппæт уавæртæ дæр. Уæрæх ахизæнтæ, стыр рудзгуытæ, райдзаст кълæстæ ифтонггонд сты нырыккон техникæйæ. Ахæм уавæрты кусын дæр æнцондæр уыдзæн.
Ацы скъола æххæст у ног мебелæй дæр. Алкæцы дæр сæ арæзт у сывæллæтты æнцонвадатæн. Уæлдай æргом та, йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæм.
Ахæм скъолайæ ацæуын нал фæнды ацы азы рауагъдонты дæр. Рацарæзтмæ канд сæйраг бæстыхай нæ бахауд.
Иууæладзыгон корпусы бынаты сарæзтой ног — æртæуæладзыгон. Ам ис 10 ахуырадон къласы æмæ цалдæр дарæс дарæн уæттæ.
Æппæт уавæртæ ахуыр кæнынæн æмæ спортæй архайынæн. Ам ис физкультурæйæн зал, кæрты та хъазæн фæз. Регионы сæйраг нысан уыд, цæмæй сывæллæтты ахуырадон процессæн арæзт æрцæуой æппæт хъæугæ уавæртæ.
















