COVID-19 -ы ныхмæ вакцинæ «Бетувакс»-ы клиникон иртасæн куыстæн Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бар радтой.
Сæрмагонд бæрæггæнæнтæ бахастой клиникон иртæстытæн бардæттæг реестрмæ. Иртæстыты архайдзысты 170 бархионы. Бардæттæг гæххæттытæ нысангонд æрцыдысты фидæны азы 31-æм августмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ Уæрæсейы COVID-19-ы ныхмæ регистрацигонд æрцыд фондз вакцинæйы: «Спутник V» æмæ «Спутник Лайт», «ЭпиВакКорона» æмæ «ЭпиВакКорона-Н» æмæ «КовиВак».
















