Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарӕн æрдзмæ уарзондзинад йæ туджы ис. Æмæ куыд нæ?! Æрыгон лæппу Доййаты Æхсарбег йæ фыды фыды бафæзмыдта æмæ сси хъæды хæдзарады инженер. Ныртæккæ æрыгон специалист ахуыр кæны Алагиры хъæды хæдзарады техникумы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ уыцы ахуыргæнæндонæн бындур дæр Æхсарбеджы баба сæвæрдта, йæ фыццаг разамонæг дæр уый уыд. Йæ фыды фыдæн бирæ бантыст. Æхсæрбег йæхæдæг дæр ныридæгæн хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы. Æрæджы рамбылдта чемпионат «Профессионалы»-йы.
Хъæды бæлæсты ‘хсæн вæййы уæлдай сабыр. Ам адæймаг царды тырындзæй дæр баулæфы, йæ хъуыдытæ дæр сраст кæны. Æрдз афтæ ахады адæймагыл, дзæбæх ын кæны йæ уд. Уый тыххæй уӕлдай уарзтӕй уарзы Доййаты Æхсарбег йæ куыст. Алы бæласы тыххæй дæр йæ бон бирæ радзурын у. Раст сæ цыма йæхæдæг ныссагъта, уыййау. Æхсарбег у хъæды хæдзарады инженер. Ахæм специалистты размæ бирæ хæстæ фæлæууы.
Æрыгон специалистмæ бирæ нырыккон кусæнгæрзтæ ис. Уыдон ын æххуыс сты йæ куысты мидæг. Зæгъæм, бæласы ас сбарын кæнæ сæрмагонд бынæттæ фæбæрæг кæнынæн. Хъæды хæдзарады куыст дæр йæ мидбынаты нæ лæууы, фæлæ рæзы æмæ цардимæ ивы.
Дæсныйад æвзаргæйæ Доййаты лæппу дызæрдыг никуы кодта. Зыдта йæ, хъæды хæдзарады кæй кусдзæн йæ бабайы хуызæн. Ныртæккæ цы техникумы ахуыр кæны, уымæн дæр бындур йæ фыды фыд сæвæрдта.
Æрæджы Доййаты Æхсарбег æрбаздæхт Приморьейы крайæ. Уым ацыд чемпионат «Профессионалы». Архайдтой дзы нæ бæстæйы хуыздæр специалисттæ. «Хъæдæй пайдакæнынад æмæ хъæд сног кæныны» компетенцийы Æхсарбег райста фыццаг бынат. Сæххæст кæнын æй хъуыд хæслæвæрдты 5 модулы. Техникумы сæхи цæттæ кодтой бæстонæй æгас къордæй.
Ерысты кæй рамбылдта, уый фæдыл æрыгон инженерæн арфæ ракодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Уый куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй чемпионты рамбулын у вазыгджын хатдзӕг.
Ныртæккæ æрыгон лæппу ахуыр кæны æртыккæгæм курсы. Фидæнмæ йæм цы пълæнттæ ис, уыдоныл фидар лæуд у. Фæнды йæ йæхи техникумы ахуыргæнæг суæвын. Ныртæккæ дæр зондамонæджы бынаты йæ фæлтæрдздинадыл кусы. Уыимæ иумæ архайдзæн йæ уарзон хъуыддагыл дæр, кæддæр йæ фыды-фыд куыд куыста, афтæ.
















