ДОМ.РФ Цæгат Ирыстоны сæйраг горæтæн цы мастер-пълан аразы, уый тагъд рæстæджы сцæттæ уыдзæн. Стратегион документыл куысты кæронбæттæн къæпхæны фæлгæты республикæйы хицауадимæ сараздзысты сесситæ.
Цæрджытимæ иумæ ныхас кæндзысты, горæты æнæмæнг цы ивддзинæдтæ хъæуы, уыдоныл, сæ хыгъды зинфраструктурæйы райрæзт. ДОМ.РФ, мастер-пъланыл кусгæйæ, йæ сæйраг хæсыл нымадта — пайдахæссæг æмархайд расидын, алкæй хъуыдытæ дæр фæнысан кæнын.
Специалистты фидарæй уырны, æрмæст эксперттæ æмæ бынæттон цæрджыты æппынæдзух æмархайды руаджы ис территоритæ рацаразæн æмæ горæты æнцонвадат уавæртæ скæнæн.
















