Тренер лæмбынæг кæсы техникæмæ. Фæлæ армрестлингы æмхуызонæй ахсджиаг сты быхсондзинад æмæ бæстон архайд. Дыгуры Сæрмæт бæлвырд зоны фæуæлахиз уæвын куыд ис, уый. Æмæ уый диссаг нæу, йæхæдæг у Европæйы æмæ дунейы æхсæз хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы бирæ хатты чемпион, бæстæйы спорты дæсны. Архайдта бæрзонддæр æмвæзадыл ерысты. Ныр йæ фæлтæрддзинадæй хай кæны Хуссар æфсæддон зылды хæстонтимæ.
Иугонд командæ бæстæйы иууыл тыхджындæры ном ныр цыппар азы хæссы. Къуххæстæй ерыстæй æнæ сыгъзæрин майдантæй нæ баззайынц. Михаил армрестлингæй аст азæй нырмæ архайы, у спорты дæсны, Æппæтуæрæсеон турнирты иу æмæ дыууæ хатты нæ фæуæлахиз. Куыд зæгъы афтæмæй, Сæрмæты разамындæй йæ арæхстдзинад ноджы фæфылдæр.
Ныридæгæн Дыгуры Сæрмæт бирæ хæрзиуджыты хицау у. Фæлæ æнтыстдзинæдтæм фæндаг æнцон нæ рауад. Дæс аздзыдæй Джызæлы райдыдта ацы спорты хуызы архайын, тренер ын уыд Бедойты Владимир. Цыппар азы æнæрлæугæ хиуыл куысты фæстæ лæппу рамбылдта Уæрæсейы чемпионат.
Сывæллонæй фæстæмæ бæстæйы кад бæрзонддæр кодта æппæтадæмон ерысты, ныр та йæ Райгуырæн бæстæйы интерестæ хъахъхъæны сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Физикон цæттæдзинады инструкторты взводы командир каст фæци Петербурджы физкультурæйы институт. Уый фæстæ та æфсады службæ. Æмæ æндæр гæнæн нæ уыд, Дыгуры бинонты патриотизмæн цы аргъ ис, уый фæлтæрæй фæлтæрмæ зонынц.
Сæрмæтæн фæлладуагъды рæстæг бирæ нæ ахæсдзæн. Спортсменты ахсджиаг ерыстæм – Хуссар æфсæддон зылды чемпионатмæ бацæттæ кæнынмæ ссыд. Мадзал хæстæгдæр рæстæг ацæудзæн Дзæуджыхъæуы. Октябры та иугонд командæ архайдзæн Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты чемпионаты. Ахæм удуæлдай куыст зын нæу, зæрдиагæй куы архайай, уæд.
Сæрмæт архайы йæхи спортивон карьерæйы райрæзтыл дæр. Æрæджы спортсмен бронзæ майданимæ æрбаздæхт бæстæйы чемпионатæй. Ныр та фæнд кæны æппæтадæмон турниры архайын.
















