Уæрæсейы Хуссар хайы парктæй тæккæ рагондæр чи у, уый рæхджы хъуамæ йæ хуыз скала. Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн парчы райдыдта цалцæггæнæн куыстыты дыккаг къæпхæн. Абон куыстыты цыдимæ базонгæ горæты мэр Æлбегаты Барис. Федта, ныридæгæн фæллойгæнджытæн сæ къухы цы бафтыд, уый. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг æркаст цалцæггæнинаг хаймæ æмæ загъта, куыстытæ бæрæг æмгъуыдмæ кæй хъуамæ бакæной. Бæлвырд куыд у, афтæмæй цалцæджы куыстыты сæйраг хæс у Терчы былгæрæттæ саив кæнын, адæмæн дзы æнцон уавæртæ куыд уа, афтæ бакæнын. Ацы аз кусджытæ фылдæр сæ ных сараздзысты парчы историон хаймæ. Хъуамæ йын йæ уыцы нысаниуæг фæстæмæ сног кæной. Йæ фæлгонцыл ын чи кусы, уыдоны размæ дæр ахæм хæс æвæрынц.
Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй парчы сног кæндзысты фонтантæ, революцийы агъоммæ дзы цы асинтæ æмæ ахизæнтæ уыдис, уыдон. Сæ кæддæры бакаст сын базондзысты рагон хуызистытæм гæсгæ. Афтæмæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæн парк раздæрау хъуамæ суа сæ уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Кусджытæ горæты мэрæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ хæстæм бæрнонæй кæсынц. Æмбарынц, парк республикæйы цæрджытæн ахадгæ æмæ зæрдæйыл хуыд бынат кæй у. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ хъуамæ ахæццæ уой ацы азы октябры райдианмæ.
















