Уæрæсейы дуканитæ ногæй, гæнæн ис, æмæ хæлоф кæнын райдайой пластик, стæй авгæй конд бæрцуæттыл. Сæ бон сæ базарадон кусæндæттæм æрбахæссын уыдзæн адæмæн. Ахæм хæслæвæрд бæрнон кусджытæ фехъуыстой Уæрæсейы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведевæй. Дзыллон информацион фæрæзты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хъуыддагыл хъуамæ бакусой æрдзон æвæрæнты, промышленность æмæ базарады, стæй экономикон райрæзты министрадтæ.
Уыйфæстæ Хицауад йæ фæндтæ 15-æм июны агъоммæ рахæсдзæн Паддзахадон Думæйы размæ дæр. Хъуыддаг хуыздæр чи зоны, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ æвдæлон бæрцуæтты дзæгъ-дзæгъ дуканиты дуармæ адæмы къухæй ссæудзæн, гæнæн ис, æмæ ацы аз. Уый, дам, экологион уавæрыл хъуамæ хæрзмæ сахада, зæгъынц хъæппæрисы амидингæнджытæ.
















