Æвзæрстытæм цæттæдзинадыл регионы æрдзырдтой республикон центрон æвзарæн къамисы. Æмбырды архайджытæ — мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты минæвæрттæ æмæ Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæ. Ныридæгæн уал сбæрæг кодтой районты æвзарæн хайæдты уавæр. Басгæрсты рæстæг цы фиппаинæгтæ сбæрæг сты, уыдоны 15 сентябрмæ хъуамæ аиуварс кæной.
Территориалон æвзарæн къамистæ цæттæ сты æнæнхъæлæджы уавæртæм. Техногенон тæссаг уавæртæ куы сæвзæра, уæд телефоны бастдзинад æмæ электрон тых уайтагъд сног кæндзысты. Россети æмæ Ростелекомы специалисттæ суткæгай сæ хъус дардзысты бастдзинады хызæгтæм. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим бахæс кодта адæмы æдасдзинад бахъахъхъæнын.
Уæрæсейы Гвардийы кусджытæ федтой районты æвзарæн хайæдтæ. Уагхæлдыдтæ раиртæстой. Æрыдоны, Кировы æмæ Рахизфарсы районты иуварсгонд æрцыдысты. Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Æрæфы, æмæ Мæздæджы районты та фарстатыл хъæуы бакусын. Ныхас цæуы видеоцæстдарды системæтæ æмæ хъæлæс кæныны объектты æдасдзинадыл. Районты разамонджытæ дзырд радтой, 15 сентябырмæ аиппытæ кæй аиуварс кæндзысты. Сæрмагонд рейдтæ сарæзтой мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты минæвæрттæ дæр. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй 66 æвзарæн хайæдты спайда кæндзысты æвзарæн бюллетенты нымайæн комплекстæй.
Хъæлæс кæныны рæстæг æвзарæн хайæдты æнæмæнг хъуамæ æххæстгонд цæуой санитарон домæнтæ. Гобеты Ибрагим Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæн бабар кодта уавæрмæ лæмбынæг кæсын.
Æмбырды ма æрдзырдтой республикæ æмæ горæты бонмæ цæттæгæнæн хъуыддæгтыл. Дзæуджыхъæуы æмæ районты ацæудзысты бæрæгбоны фæдыл мадзæлттæ. Гобеты Ибрагимы хъуыдымæ гæсгæ, æппæт мадзæлттæ дæр саразын хъæуы гом арвы бын. Æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæдзыстæм, цæрджытæ горæты бон сбæрæг кæндзысты 25 сентябры 26-æм сентябры та республикæйы бон.
















