Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ма Дзæуджыхъæуы ацыд терроризмы ныхмæ къамисы æмбырд. Видеоформаты хуызы дзы архайдтой ведомствоты минæвæрттæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ. Афæдзы хатдзæгтæ æмæ фидæны пълæнты тыххæй радзырдта террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны фæдыл республикон къамисы аппараты разамонæг Олег Баранов.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, терроризмы ныхмæ къамисы архайды руаджы теракттæ саразыны бындур фæкъаддæр. Къамисы уæнгтæ аразынц ахæм уавӕртӕ, цæмæй фыдракæндтæн Цæгат Ирыстоны бынат ма уа. Сæрмагондæй тох кæнынц интернеты зæрдæхсаинаг организацитæм фæсивæды чи хоны уыцы сайттæ æмæ хицæн адæмимæ. Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзын, экстремизмы идеологийæн бынат ма ныууадзынæн ис йæхи сæрмагонд системæ. Йæ архайд æнтыстджын кæй у, уымæн æвдисæн – цæрджыты социалон æрфарст. Зæгъæм, паддзахад терроризмимæ куыд тох кæны, ууыл разы сты респондентты 57%, дызæрдыккагыл æй банымадтой 18%.
Оперативон уавæры тыххæй æмбырды радзырдта Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон барад хъахъхъæнынады разамонæджы хæдивæг Бутаты Тотрадз. Адæмы æдасдзинадæн снысан кодтой профилактикон æмæ оперативон-сгарæн мадзæлтты хыгъд. Сергей Меняйло фæсидт æппæт тыхты структурæты минæвæрттæм æмæ хицауады оргæнты кусджытæм, цæмæй стыр æргом аздахой барадхъахъхъæнæн мадзæлттæм Ног азы фæлладуадзæн бонты рæстæг.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Ног Азы æхсæв республикæйы рад хæсдзысты 2 300 пъæлицæйаджы. Цыппурсы та аргъуантæ хъахъхъæнынмæ рацæудзысты министрады 600 специалисты æмæ Уæрæсейы гвардийы 250 кусæджы.
















