Фыдбылызы бынатмæ æвæстиатæй сæмбæлын. Раст архайын, равдисын хорз цæттæдзинад. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æппынæдзух сæ фæлтæрддзинадыл кусынц. Саразынц сæрмагондæй ерыстæ дæр. Ацы хатт спортивон мадзалы архайдта 100 адæймаджы. Хуыздæртæ дарддæр архайдзысты регионалон къæпхæны.
Зынгхуыссынгæджыты æмæ ирвæзынгæнджыты æппæт къордты минæвæрттæ архайынц ерысты. Æххæст кæнынц алыхуызон хæслæвæрдтæ. Спортсментæ къулымпыдзинæдтимæ дугъ кæнынц цалдæр хуызы дæрддзæгыл. Уыимæ ма цырд асиныл сгæпп кæнынц цыппæрæм уæладзыгмæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ дзы æрцыд зынгсирвæзт, уымæ гæсгæ архайын хъæуы цырд æмæ домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Æппæт фæлтæрæнтæ дæр хуымæтæджы нæ равзæрстой. Бахастой сæм гимнастикæ, футбол, волейбол, рог атлетикæйæ элементтæ. Æппæт ацы хуызтæ хъæуынц, цæмæй ирвæзынгæнджытæ уой цырд æмæ æнæзивæг.
Хуыздæр суæвыныл архайынц республикæйы 18 командæйы. Æдæппæтæй 100 адæймаджы. Ерыстæ цæуынц цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Уæлдай æргом турниры здахынц æдасдзинады домæнтæм. Архайджытыл æнæмæнг хъуамæ уа каскæтæ, даргъдыс уæлæдарæс, спортивон хæлæфтæ, æмбæлгæ къахыдарæс æмæ сæрмагонд рон.
Цырд архайд, дисциплинæ æмæ физикон æгъдауæй хорз цæттæдзинад – æппæт ацы хъуыддæгтæй арæзгæ у зынгхуыссынгæнæг фыдбылызы рæстæг куыд раст сарæхсдзæн, уый. Ахæм ерыстæ æнæмæнг хъæугæ сты. Сæ хатдзæгтæ та ма ноджы иу хатт æвдисæн сты æвирхъау цауы рæстæг ирвæзынгæнджытæ сæ куыст иттæг хорз кæ зоынынц, уый.