preloader
сейчас в эфире
15:38
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
КОММУНАЛКА 12+
18:10
ТАКТИКА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
close

Ирон театры ацыд Уæрæсейы сгуыхт артист æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Бытъæты Робертыл мысæн изæр

1.06.2023 14:48

Сæмбырд сты хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, йæ хæлæрттæ, уыимæ мын йæ курдиатæн стыр аргъ чи кодта, уыдон иууылдæр.

На дуджы ирддар стъалытай иу, Бытъæты Робертыл 20-æм мартъийы хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы. Йæ рухс ном ын æрымысыдысты Ирон театры. Аивадыл дзургæйæ-иу йæ цæсттытæ афтæ æрттивтой, æмæ, æнæмæнг, банкъарæн уыд, йæ дæсныйад æгæрон уарзт кæй кодта, уый. Зæрдæхæлар, цæстуарзон хистæр æмæ курдиатджын актер. Ирон театры мысæн изæры сæмбырд сты хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, йæ хæлæрттæ, уыимæ мын йæ курдиатæн стыр аргъ чи кодта, уыдон иууылдæр. Мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.


Ирон театр… Æвæдза, йæ историйы цас зындгонд нæмттæ ис. Хъæздыг у нæ театр, йæ кад ын бæрзонд чи сисита, ахæм актертæ, режиссертæ æмæ драматургтæй. Сæ курдиат та у дунеон аивады хæзнадоны аккаг. Се ‘хсæн — Бытъæты Роберт. Æгæрон курдиаты хицау, Цæгат Ирыстоны адæмон ӕмӕ Уæрæсейы сгуыхт артистыл ацы аз хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы.

Йæ бæллицтæ театримæ куы сбаста, уæд нырма скъоладзау уыд. Æмæ 60-æм азты кæрон «Металлургты» галуаны хæдархайгæ студимæ бацыд. Актеры дæсныйадмæ фыццаг къахдзæфтæ ам акодта. Æмæ кæд профилон ахуырад нæ райста, уæддæр йæ курдиат æмæ куыстуарзондзинады руаджы сси дзыллæйæн уарзон актер. Йæ мысæн изæры дæр Ирон театры къух бакæнæн нæ уыд. Уарзон хистæр, æмкусæг, хæлар, сыхаг, кæнæ хионы ном ссарын сæ алчидæр йæ хæсыл банымадта.

Бытъæты Роберт цы спектаклты ахъазыд, уыдоны ‘хсæн – Николай Островскийы «Пайдаджын бынат», Николай Гоголы «Ревизор», Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд», Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ», Уильям Шекспиры «Ричард III». Театры куыст æнтыстджынæй иу кодта киноимæ. Ахъазыд «Зæронд цуаноны хъыг», «11 фыстæджы Хуыцаумæ», «Зæрватыччытæ æртахтысты» æмæ бирæ æндæр кинонывты. Мысæн изæры равдыстой, актер цы спектаклты æмæ кинонывты хъазыд, уыдонæй скъуыддзæгтæ.

Бытъæты Роберт уыд курдиатджын режиссер. Спектаклтæ сæвæрдта Ирон æмæ Дыгурон театрты, разамынд лæвæрдта Цыколайы адæмон театрæн. Мадæлон æвзаг уарзта æмæ йын йæ рæсугъддзинад арф æнкъардта. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта фæсарæйнаг æмæ уырыссаг авторты пьесæтæ, фыста зарджытæ спектаклтæм. Уæдæ рæзгæ фæлтæрæн дæр йæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кодта. Бытъæты Роберт уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты актеры дæсныйады кафедрæйы доцент. Сценæйыл хъазгæ нæ, фӕлӕ цæргæ кодта. Гæдымитæ та нæдæр театры уарзта, нæдæр царды.

Кадджын хистæр, йæ адæмы культурæ æмæ æгъдауæн стыр аргъ кодта. Ирд, курдиатджын, хæларзæрдæ адæймаг.

Уæрæсейы сгуыхт артисты ном Бытъæты Робертæн радтой 2014-æм азы, цыппар азы фæстæ та хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй. Йæ цардæй ахицæн 2020-æм азы, цыди йыл 76 азы.

Читайте также
Все новости