Дзæуджыхъæуы епархи Цыппурсы бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта зын уавæры цы бинонтæ сты, уыдонæн. Се ‘хсæн бирæсывæллонджын æмæ, йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм свæллæтты чи хъомыл кæны, уыцы бинонтæ.
Хæрзгæнджытæ сабитæн байуæрстой адджын лæвæрттæ, хъазæнтæ, стæй хойрæгты чыргъæдтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæйттæ сæ ныййарджытæн. Алы сабийæн дæр раарфæ кодтой Митын Дада æмæ Митынчызг, сывæллæттæ сын радзырдтой æмдзæвгæтæ.
Уымæй уæлдай, епархийы фæсивæд бацæттæ кодтой бæрæгбоны программæ арфæтимæ æмæ чырыстон зарджытимæ. Дарддæр сабитæн Уыррыссаг академион театры равдисдзысты спектакль «Конёк-Горбунок». Æдæппæтæй бабаæрæг кодтой 22 бинонты.
















