Сæрмагонд мадзæлттæ арæзт цæуынц ног коронавирус инфекци парахат кæнын ма `руадзынæн. Пъæлицæйы кусджытæ бæрæг кæнынц хиипæрддзинады фæтк чи халы, уыдоны. Уый «Карздæр цæттæдзинад, кæнæ æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг хи дарыны æгъдæутты фæтк» æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы уынаффæ «Уæрæсейы президенты бардзырд, нæ бæстæйы æнæкусгæ бонтæ сфидар кæныны» тыххæй сæрмагонд документтыл æнцайгæйæ. Хæдзары бадыны фæтк нæ хауы æрмæст йæ куыст чи нæ баурæдта, ахæм уагдоны чи кусы, уыдонмæ. Семæ æнæмæнг хъуамæ уа сæрмагонд æвдисæндартæ æмæ гæххæттытæ.
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц уыдон хъуамæ хæдзарæй ма цæуой. Уагхалджыты кæндзысты ивар 30 мин сомы онг. Дыккаг хатт кæй æрцахсой уыдоны фæивар кæндзысты 50 мин сомы. Инфекци апарахат кæнын ма бауадзынæн æппæты хуыздæр хъомыс хæдзары бадыны фæтк кæй у, уый тыххæй цæрджытæн æмбарын кæны Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды разамонæг Икъаты Русланбег.
















