Дзæуджыхъæуы рахиздзысты хауæццæгтæ хицæнæй æмбырд кæныны системæмæ. Ныридæгæн уал нысангонд æрцыдысты, цы бынæтты æвæрд æцæудзысты, уымӕн дзуапп чи дæтты, уыдон.
Æрæджы республикæйы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады самал кодтой хауæццæгтæн дыууæ компонентон контейнертæ. Администраци контейнертæ æрӕвæрыны бынæттæ нысан кæнынц муниципалон ахуырады бæстыхайтты. Уыдон хаст сты, цардыуаджы хъæбæр хауæццæгтæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæтты реестрмæ. Бырон дих кæндзысты хус æмæ уымæлтыл. Хустæм хауынц хъæдӕрмæг, авг, гæххæт æмæ пластик. Ома, дыккаг хатт спайда кӕнӕн кæмæй ис, ахæмтæ. Афтæ, дыккаг хатт бакусӕн кӕуыл ис, уыцы хауӕццӕгтӕ здæхт цæудзысты фæстæмæ промышленон куыстуӕттӕм.
Уыимæ ма, ахæм хуызы къаддæр хардз цæудзæн быроны ласӕггагыл дæр. Дзæуджыхъæуы хауæццæгтæ ласынӕн дзуапп дæтты регионалон оператор «Эра», зæгъгæ.
















