Æппæтуæрæсеон æркаст «ТЭФИ-регион»-ы финал фыццаг хатт цæуы Дзæуджыхъæуы. Конкурс у юбилейон. Сарæзтой йæ 20-æм хатт. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты жюрийы уæнгтæ, æркасты архайджытæ æмæ уазджытæ. Кадджын уавæры мадзал байгом кодтой. «ТЭФИ-регион» арæзт у фонд «Уæрæсейы телеуынынады академи»-йы хъæппæрисæй, бæстæйы дзыллон фæрæзтæ, бастдзинад æмæ нымæцон рæзты министрад, республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады æххуысæй.
Æдæппæтæй куыстытæн аргъ кæндзысты 18 номинацимæ гæсгæ дыууæ тематикон къабазы: «Информационное телевещание» æмæ «Просветительское и развлекательное телевещание». Ацы аз конкурсмӕ балӕвӕрдтой 428 куысты. Йæ архайджытæ æмæ уазджытæм æнхъæлмæ кæсы егъау ахуырадон программæ. Æппæт мадзæлттæ дæр арæзт цæудзысты санитарон домæнтæ æмæ эпидемилогон уавæр хынцгæйæ.
Боныхъæд кæд фаг хорз нӕу ӕмӕ къæвда уары, уæддæр мæ зæрдæмæ тынг цæуы ам. Хъарм у. Ӕппæт дæр цæудзысты дæсныйадæвдисæн ахуыртæм, горæты уынгты тезгъо кæныны бæсты. Дзæуджыхъæу тынг рæсугъд горæт у.
















