preloader
сейчас в эфире
10:22
ТЕЛЕСПЕКТАКЛЬ "НА ДНЕ" 12+
Смотрите Далее
12:35
ИСТОРИЯ В КАДРЕ 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:15
ВСПОМИНАЯ БЕСЛАН 12+
13:50
ГОСТЬ 12+
14:20
БЕСЛАН. 52 ЧАСА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ТЕЛЕСПЕКТАКЛЬ "НА ДНЕ" 12+
close

Дзæуджыхъæуы спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс «Дельфин»-ы бассейны цæуынц йе нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм 10 сывæллонæн ахуыртæ

1.04.2022 19:39

Ныййарджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ацы ахуыртæ æмæ гæнæнтæ сæ хъӕбултӕн цы циндзинад хæссынц, уымæн аргъ нæй.

Æрæджы социалон хызæгты апарахат Дзæуджыхъæуы фитнес-центртæй иуы цы уавæр сæвзæрд, уый фæдыл хъусынгæнинаг. Йæ разамынд нæ разы кодта йе`æниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ахуыртæм уадзыныл. Æхсæнад, уыцы уавæрæй сæнкъуысыд. Ныййарджытæ сæ хъаст бахастой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Регионы разамонæг бæрнон кусджытæн бабар кодта фарста аиуварс кæнын. Уавæр фæивта. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæжы.


Сывæллæттæ доны сӕхи ныфсхастӕй дарынц. Сæ размæ æвæрд хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынц. Дæрддзæф бынатмæ аленк кæнынц. Сæ фылдæр ерысты дæр архайдтой. Арæхдæр-иу систы уæлахиздзаутæ. Бассейны ахуыртæм алкæддæр зæрдиагæй фенхъӕлмӕ кӕсынц.

Ленк кæнын æмæ доны рæстæг æрвитын «хурæнгæс»  сывæллæттæн у пайда. Бассейны хъарм дон ахӕм низджын сабиты буарæн у пайда. Доны ныххизгæйæ фæкъаддæр вæййы сӕ фӕтасӕнтыл уӕз, фӕлӕмӕгъдӕр вӕййынц сӕ нуӕрттӕ. Фӕсабырдӕр вӕййынц, сӕ тыхст дӕр аиуварс вӕййы.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бассейны архайынц, йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм 10 сывæллоны. Æмткæй райсгæйæ, ахуыртæ цӕуынц сахаты бӕрц. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ сывæллæттимæ кусы фæлтæрдджын тренер.

Ныййарджытæ стыр бузныг сты республикæйы сæргълæууæгæй, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд æмæ бассейны директорæй. Уыдон æрбалæууыдысты сæ фарсмæ æмæ сын баххуыс кодтой. Ныййарджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ацы ахуыртæ æмæ гæнæнтæ сæ хъӕбултӕн цы циндзинад хæссынц, уымæн аргъ нæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Все рекомендуемое