Дзæуджыхъæуы сыгъдæг кæнынц Терчы донвæд. Базилдзысты цæнгæт хидæй Горькийы номыл уынджы хидмæ. Фæзындысты дзы бæлæстæ æмæ къудзиты сакъадахтæ.
Най сæ кæнынц экскаватортæй. Уый та уымæн цæмæй цæугæдоны цыд мацы хъыгдара. Куыстытæ фæуыдзысты мартъийы кæронмæ, цалынмæ донивылдтыты рæстæг нæ райдыдта, уæдмæ.
















