Донецк æмæ Луганскæй сывæллæттæ сыгъдæг кæнынц Сапицкий будкæйы алыварс фæзуат. Зиумæ рацыдысты 30 адæймагæй фылдæр. Бынат сыгъдæг кодтой быронæй æмæ хус къалиутæй. Мæй размæ æвзонг бархионтæ æрцыдысты Таймазты æфсымæрты номыл спортивон центры базæмæ. Ныр æххуыс кæнынц бынæттон цæрджытæн.
Æппæтуæрæсеон акци «Сохраним природу»-йы фæлгæты фæндзæм мæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сыгъдæг кæнынц горæты уынгтæ. Хъуыссæты Мæирбеджы разамындæй куыстытæ фæцæуынц райсомы æхсæзæй аст сахатмæ.
















