Цæгат Ирыстоны разамындæттæг командæйæ архайы нымæцон технологиты фæдыл программæйы. Сæрмагонд семинар хицауады уæнгтæн сарæзтой Мæскуыйы СберУниверситеты. Архайдта дзы премьер-министр Дзанайты Барис. Делегацийы нæ республикæйæ уыдысты æххæстгæнæн оргæнты минæвæрттæ дæр. Акционерон æхсæнад «Сбербанк» -ы разамынды сæрдары хæдивæг Ольга Голодец радзырдта ахсджиаг уынаффæты тыххæй.
Дыууæ боны хицауады уæнгты зонгæ кæндзысты менеджменты системæйы лыстæгдзинæдтимæ. Дæнцæгæн сын хæсдзысты технологон стратегиты хуызтæ, сервисты проекттæ æмæ ног технологитæй раст пайда кæныны сусæгдзинæдтæ. Паддзахадон секторы автоматикон æууæлтæм гæсгæ чи кусы, уыдоны архайдмæ дæр æргом аздахдзысты. Командæйы кусгæйæ пайда кæнын хъæуы нырыккон авналæнтæй.
Фыццаградон хæслæвæрдтæ горæтаг хæдзарадты модернизаци, транспортон инфраструктурæйы рацарæзт æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз ног технологитæй сифтонг кæнын. Ахæм мадзæлтты фæрцы лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн, инвестортæ дæр фылдæр кæндзысты. Спикерты ‘хсæн Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, раззагдæр мененджертæ æмæ IT-компаниты кусджытæ.
















