Абон Джызæлы ацыд Пхалæгаты Аланы номыл турнир футболæй. Бацархайдтой дзы 4 командæйы.
Фыццаг уал хъæуы æвзыгъд лæппутæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой Черменыхъæуы фæсивæдимæ. Хъазт ахицæн 3:1 хыгъдимæ. Фæуæлахиз Джызæл. Кæронбæттæны къæпхæнмæ рахызтысты Дзæуджыхъæуккаг «Спартак»-имæ. Джызæл фæуæлахиз æмæ хъазт 6:1 хыгъдимæ ахицæн.
Ерысты бацархайдтой, 2006-æм 2007-æм азты чи райгуырд, уыцы фæсивæд. Уæлахиздзау командæ хорзæхгонд æрцыд кубокæй. Уымæй уæлдай, равзæрстой хуыздæр размæбырсæг, дуаргæс, хъахъхъæнæг æмæ æрдæгхъахъхъæнæджы. Ерыстæ фæнд кæнынц скæнын æрвылазон. Турнир бабæрæг кодтой Пхалæгаты Аланы бинонтæ дæр.
















