Арвыкомы фæндаджы рады лæууынц 1 437 уæзласæн хæдтулгæйы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта хицауады вице-премьер Томайты Ирбег.
Æмбырд амыдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дзырдтой Дзæуджыхъæуы Жуковскийы номыл парк рацаразыныл. Куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты июлы. Бæхты театр «Нарты»-йы цалцæггæнæн куыстыты проект цæттæ уыдзæн ноябры.
Хицауады уæнгтæ дзырдтой сывæллæтты фæлладуадзæн бонты тыххæй дæр. Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ Сау денджызы был сæрды сæ фæллад суадздзысты 1 400 сабийæ фылдæр. Ныхас цыди Алагирмæ бацæуæны фæндаггон патрулон службæйы постыл дæр. Хъуамæ æрцæуа хæлд. Сергей Меняйло ма дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта сбæлвырд кæнын, цавæр объект фæзындзæн йæ бынаты, уый.
















