Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы уынгты ивынц асфальты уæлцъар. Фылдæр шошæ фæндæгтыл. Къахвæндæгты уавæрмæ се `ргом къаддæр здахынц. Уый тыххæй горæты цæрджытæ хъаст кæнынц. Фылдæр хатт социалон хуызæгты. Иу ахæм бынат -Дзæуджыхъæуккаг уынджы базарадон центр Аланы раз. Ацы къахвæндагыл æрвылбон фæцæуынц мингай адæм. Æййафынц къуылымпыдзинæдтæ. Ацæуыныл нæй. Фæндаггон фонды нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фæндаджы уыцы уаддзаг ис базарадон центры бæрны. Уымæ гæсгæ йын дзуаап дæтты куыстуаты разамынд.
«Фæндаггон фонды» разамонæджы хæдивæг Мæргъиты Артур: «Разы не `стæм базарадон центры разамынд къахвæндаджы уавæрмæ куыд фæндыйы цæстæй кæй кæсын, уымæй. Фæндаджы уаддзаджы 200 квадратон метры хъæуы сног кæнын. Сараздзыстæм аукцион. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кæндзыстæм арæзтадон куыстуат. Ацы хъуыддагыл бахзардз кæндзыстæм мæйæ фылдæр рæстæг».
















