2020 азы 1-æм ноябрæй фæстæмæ посты кусджыты мызд фæфылдæр уыдзæн 20%. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта посты бастдзинады федералон управленийы разамонæг Калоты Олег.
Куыд бафиппайдта, афтæмæй ивддзинæдтæ хаудзысты постхæсджытæ, оператортæ, разамонджыты хæдивджытæм. Калоты Олег ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Уæрæсейы Пост» архайы егъау проекты. Йæ фæлгæты сцалцæг кæндзысты посты бастдзинады хайадтæ. Ацы аз фæнд кæнынц 19 хайады сцалцæг кæнын. Се `хсæн Тарскæ, Южный æмæ Мæздæджы 5 постæйы хайады. Дзуапп дæтдзысты æппæт нырыккон домæнтæн дæр.
Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны посты хайадты куысты бæррæгæнæнтæ фæбæрзонддæр сты. Регионалон управлени афæдзы фыццаг æхсæз мæйы куысты хадзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы ахсы дыккаг бынат. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ хицауады уæнгтæ дарддæр дæр архайдзысты Цæгат Ирыстоны посты куысты хæрзхъæддзинад бæрззондæр кæныныл.
















