Æрыдоны районы социалон-экономикон рæзтыл æрдзырдтой Дзанайты Барисы кусæг балцы рæстæг. Æмбырды хицауады сæрдар фæнысан кодта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты фæрæзтæ кæй рахай кодтой скъолаты, спортивон залты æмæ Бехъаны цады былгæрæттæ фидаргæнæн арæзтæдты бындурон цалцæгæн. Æппæтуæрæсеон онлайн-æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ, базылдысты Пролетарон уынгыл къахвæндагмæ. Уымæй уæлдай, Æрыдон рамбылдта горæты æнцонвадат уавæрты хуыздæр проект саразыны конкурсы. Фидæнмæ дзы снывыл кæндзысты центрон фæз. Районы ма æххæстгонд цæуынц фосдарыны, кæсагдарыны, сæндондарыны æмæ агротуризмы инвестпроекттæ.
Ахсджиаг фарстаты ‘хсæн — цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады уавæр. Дзуапдæттæг бæрнады разамонæг Хъараты Тимуры ныхасмæ гæсгæ, Доны куыстуаты æрыдойнаг хайад ис хуыздæрты хыгъды. Лæггæдтæн фиддонты бæрц дзы у 90%, хæрдзтæ та бантыст дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын.
















