Уымæй уæлдай ма, Битарты Вячеслав абон хицæнæй фембæлд Серегей Кравцовимæ. Æрдзырдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм куыд цæттæ кæндзыстæм, ууыл.
Сергей Кравцовы ныхæстæм гæсгæ, уыцы фарстайы сæйрагдæр у – фæлварæнтæ куыд æмбæлы афтæ скæнын, цæмæй скъоладзауты зонындзинæдты хатдзæгтæ бæлвырд уой. Уымæй уæлдай ма, Сергей Кравцов загъта Битарты Вячеславæн бузныджы ныхæстæ, Цæгат Ирыстоны æнтысджынæй кæй æххæстæ кæнынц федералон программæ, уый тыххæй. Уый фæлгæты, нæ республикæйы арæзт æрцыд скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Сергей Кравцов уазæгуаты æрцыди цалдæр важыгджын мадзалы сæххæст кæныны фæдыл.
Сæ иу – Цæгат Кавказы ахуырад æмæ наукæйы министрадты разамонджытимæ æмбырд.
















