Бирæ рæстæг рацыд адæм хæхбæстæй сæхи быдырмæ куы айстой, уæдæй нырмæ. Хæххон хъæутæ сабыргай заууатмæ æрцыдысты. Уæвгæ, кæм дæр ма дзы уддзæф райхъуысы. Зæгъæм, Æрхоны цæры нымадæй 12 адæймаджы. Æмæ сын кæд цæрынæн æмбæлгæ уавртæ нæй, уæддæр сæ сæ бынæттæй ничи сыстын кæндзæн. Диссагæн дзуринаг у.
Æрхон кæддæр нымад уыд Æрыдоны доны рахиз фарсыл стырдæр хæххон хъæуыл. Хуыдæлты Саханджери йæ цардыбонтæ ам арвыста. Уæдæ хъæу куыд равзæрд, уый дæр хорз зоны. Æрхоны æдзухдæр уæздан æмæ æгъдауджын адæм цардис, зæгъы зæронд лæг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Æрхон хуымæтæг хъæу нæу, йæ алыварс ис æртæ кувæндоны. Уымæ гæсгæ ацы бынат банымайæн ис зæдбадæн раныл,уый та уæлдай удæнцой хæссы зæрдæйæн. Уæдæ туристтæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы,ам сæ зæрдæмæ уый тыххæй тынг цæуы.
19 æнусы ам уыд 54 цыппар хæдзары,цæргæ та дзы кодта 578 адæймаджы. Гыццыл фæстæдæр сæ бæрц фæфылдæр ис 72 хæдзары онг, уæдæ цæрджыты бæрц дæр фæфылдæр, систы 590 адæймаджы. Ныртæккæ та дзы нымадæй ис 5 фондз хæдзары, цæрджытæ та 12 йеддæмæ не`сты. Кæд цæрджыты бæрц бирæ нæу, уæддæр сын хæхбæсты æнкъард нæу. Дарддæр æххæст кæнынц фыдæлты фæдзæхстытæ: кæнынц зæххы æмæ фосы куыстытæ, уымæй уæлдай цуаны цæуынц. Æрхоны мыды куыст дæр кæнынц.
Хæхбæсты боныхъæд арæх ивы, географион уагæвæрдмæ гæсгæ дæр дзы æнцон цæрæн нæц. Уыимæ ма хъæуы цæрджыты æппынæдзух хъуыд хи æддагон знæгтæй хъахъхъæнын. Цы иргъæвон мадзæлттæй пайда кодтой,уыдон ныр дæр ма фенæн ис.
Цæрджытæ хъаст кæнынц. Арæх хæххон дымгæйæ аскъуынынц электрон тыхы телтæ, уыимæ ма йæ бæлæх уый мидæг ис, æмæ цалцæггæнæн кустытæ кæнын дæр сæхи бахъæуы. Уæдæ дзы газ дæр нæй, пайда кæнынц сугæй. Сæ алыварс хъæд ис, афтæмæй суг æлхæнгæ кæнынц. Хохы цæрæг адæм цæрынц хи фæллойæ, уæлдай æхца сæм никуыцæй æрбафты, пенсийы дарддæр. Хæдзæртты нуазынæн чи бæзза, ахæм дон дæр нæй. Уымæ гæсгæ дон та суадонæ хæссынц.
Кæд хæхбæсты цæрын æнцон нæу, уæддæр раздæр ам чи цард,фæлæ цæмæдæр гæсгæ быдыры æрцæрын кæй бахъуыд,уыдонæн сæ цот æмæ сæ цоты цот дæр сæ фыды уæзæгмæ фæстæмæ æрыздыхнц. Аразынц дзы хæдзæрттæ. Сæ уæгъд рæстæг ам æрвитынц. Цард цæуы, æмæ фарн йемæ хæссы, чи зоны,æмæ та искуы Цæгат Ирыстоны рагондæр хъæутæй иу раздæрау мæлдзыджы губаккау адæмæй байдзаг уа.
Гæззаты Зæринæ
















