Абон æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц студенты бон. Нæ республикæйы ис 25 ахуыргæнæндонæй фылдæр. Æрыгон фæлтæрæн студент уæвыны рæстæг у уæлдай ахсджиаг. Тырнынц зонындзиндты бæрзæндтæм, æвзарынц алыхуызон дæсныйæдтæ. Ахуыргæнæдæтты, факультетты, къордты сæ баиу кæны иу хъуыддаг – студенты азтæ арвитынц иумæ.
Хорзæй «хорз» зæгъын зонынц Елхоты бирæвæрсыг колледжы. Кадджын уавæры фæзминагдæр ахуырдзаутæн арфæйы ныхæстæ ракодта ахуыргæнæндоны разамонæг Хъайтыхъты Григорий. Студенты боны фæлгæты, ахуыры йæхи иттæг хорз чи равдыста, уыдонæн бацæттæ кодтой кады гæххæттытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй студенттæм ахæм цæстдард мæнæ-мæнæ стыр диссаг нæу. Ахсджиагдæр у мадзалы хъомыладон нысаниуæг – кады гæххæт райсгæйæ, фæсивæд дарддæр тырндзысты ахуырады уæлдæр къæпхæнтæм.
Бицъоты Георгий у 2-æм курсы студент. Йæ фидæны дæсныйад баст уыдзæн хъæууонхæдзарадон зайæгойтимæ. Равзæрста йæ уымæн, æмæ йæ фыдæлтæ дæр зæххы куыст кодтой. Ныр лæппуйы фæнды сыгъдæг хор зайын кæнын æмæ хи куыстуат байгом кæнын.
Æдæппæтæй колледжы ис фондзсæдæ студентæй фылдæр. Ирвæзынгæнджытæ, хæринаггæнджытæ, хæдтулгæтæ аразджытæ, электриктæ, программисттæ æмæ ма бирæ æндæр дæсныйæдтыл ахуыр кæнынц ацы колледжы. Ам алчидæр йæ фидæны дæсныйадыл æнувыд у.
Елхоты бирæвæрсыг колледж кусын райдыдта 1984-æм азы. Йæ разамынд архайы куыст нырыккон домæнтæм гæсгæ аразыныл. Афæдзæй-афæдзмæ сæ дæсныйæдты нымæц кæны фылдæр. 2020 азы та колледж сси Æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат, банымадтой йæ нæ бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндоныл. Цалдæр хатты архайдта национ проектты. Цы гранттæ рамбылдтой, уыдоны руаджы сæм фæзынд дыууæ хъæрмуаты. Ацы аз та ма сыл бафтдзæн æрмадзтæ дæр.
Пелиты Сабинæ
















