Аргъæутты бæстæ æмæ уæларвон фарн – афтæ хонынц Сабанты Хаджумары нывтæ йе `мкусджытæ. Сæ хуыздæртæ сын фенæн ис ацы бонты Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы. Сарæзтой йæ нывгæнæджы райгуырды 90 азы кадæн. Йæ нывтæ æлхæнынц зæрдæ сӕ æнæхиндзинад æмæ сыгъдæгдзинадæй. Фæлæ Ирыстоны Сабанты Хаджумары фылдæр зонынц зарæггæнæгӕй.
Паддзахадон филармонийы хоры солист уæвгæйæ, уыд нæ адæмы музыкалон аивады хæзнатæ хъхъахъхъæнæг дæр. Национ аивадмæ йе `стыр аивадон бавæрæны тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй. Бирæ азты цы къорды фæзарыд, уый дæр ын йæ рухс ном æрхъуыды кæнынӕн музеймӕ ‘рбацæуджытæн равдыста концерт. Сæ аивадон разамонæг Дзанайты Ольгæимæ бацæттæ кодтой Сабанты Хаджумары уарзондæр зарджытæ.
















