Медицинæйы фæндаг – йæ сабибонты бæллиц. Есенаты Бэлæ 20 азæй фылдæр кусы Горæтгæрон районы рынчындоны. У реанимацион хайады разамонæг. Операцийы фæстæ рынчын йæхимæ куыд æнцонтæй æрцæуы, уый аразгæ у реаниматологæй. Кæд зын куыст у, уæддæр Бэлæ йæхи æнæ медицинæйæ нал уыны.
Есенаты Беллæйы йæ кусæн бон райдайы йæ рынчынтæй. Реанимацион хайадмæ адæм æрбафтынц операциты фæстæ. Уымæ гæсгæ сæм уæлдай цæстдард хъæуы. Бэлæ, хайады разамонæг уæвгæйæ, йæ хæсыл нымайы алкæмæ дæр базилын. 20 азæй фылдæр дохтыр кусы Горæтгæрон районы рынчындоны. Медицинæимæ йæ цардвæндаг бабæттын йæ сабибонтæй фæстæмæ сфæнд кодта.
Йæ профессоналон фæндаг Беллæ райдыдта ацы рынчындоны. Куыд дохтыр-реаниматолог. 2011 азæй та у реанимацион хайады разамонæг. Иу операци иннæйы фæстæ. Пъланмæ гæсгæ, стæй æвæстиатæй цы рынчынтæ æрбахауынц, уыдон. Хатгай цалдæр суткæйы дæр куысты баззайы. Фæллайы, фæлæ йæ ницæмæ дары, уæлдайдæр коронавирусы рæстæг. Карз низы аххосæй реанимацион хайады куыст зынгæ фæфылдæр.
Дохтыры фæлтæрддзинад æмæ лæмбынæг цæстардæн стыр аргъ кæнынц йæ рынчынтæ дæр. Кæд реанимацион хайады бирæ рæстæг нæ вæййынц, уæддæр сæм уæлдай хуыздæр зилын фæхъæуы.
Беллæимæ реанимацион хайады кусы 4 дохтыры æмæ 15 медицинон хойы. Афтæ рауад, æмæ йæ дохтыртæ иууылдæр фæрынчын сты. Беллæ та уыдоны хæстæ дæр йæхимæ райста. Къуыригай-иу куыстæй хæдзармæ нал афтыд.
Реаниматолоджы куыст зын у. Кæй нæ уырны, уый Есенаты Беллæйы афæрсæд. Фæлæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Йæ цард æнæ йæ уарзон хайадæй куыд уаид, ууыл та хъуыды дæр никуы кодта. Уымæн æмæ йæ зоны, адæмæн æххуыс кæнын удыбæстæ у.
Хуасдзауты Алинæ
















