Уæлахизы боны агъоммæ уæ зонгæ кæнæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахиздзаутимæ. Райгуырæн бæстæйæн йæ цард чи нæ бавгъау кодта æмæ хæсты быдыры йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыдонæй иу у Андрей Крошко. Зын æмæ хъизæмар цард фæкодта. Бирæ азты йын йæхи фатер не уыди. Ныр дæр йæ хиуæтты къуымты цæры. Ныр дæр тыхст у. Фæлæ йыл æрцыд стыр цин. 65 азы фæстæ йæ йæ хæстон хæрзиуæг ссардта. Йæ циныл бацин кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Фембæлд ветеранимæ æмæ аныхас кодтой йæ хæстон фæндæгтыл.
«1941-æм 15 августы азы нæ акодтой æфсадмæ. Уæй фæстæ ма 32 азы нæ Фыдыбæстæйæн фæлæггад кодтон. Æрынарæджы, Заманхъулæй райдыдта мæ хæстон фæндаг», – загъы Андрей Крошко.
Андрей Тихоновичыл 92 цæуы. Уал азмæ та йæ царды зындзинæдттæ куыд нæ федта. 16 азы йыл куы цыд, уæд знаг чъизи къахдзæфтæй цæуын райдыдта йæ райгуырæн Ирыстоны зæххыл. Æвзонг лæппумæ фсадмæ фæсидтысты. Абон дæр ма цардвæллад нæлгоймаг, уыцы рæстæг æрхъуыдыгæнгæййæ, æрынкъард вæййы.
Андрей Тихоновичы арвыстой бастдзинады æфсæдтæм. Дзуапп лæвæрдта ротæ æмæ батальоны хсæн бастдзинад куыд уа, уымæн. Уый та, раст зæгъгæйæ, æнцон нæу. Арæх иу æй бахъуыд атакæты рæстæг дæр телтæ ивазын. Хæстон фæндæгтыл цæугæйæ, тох кодта Ростовы, Хърымы, Томанийы сæрибардзинадыл. Схæццæ ис ныгуылæн Украинæмæ. Уым æй йæ æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй схорзæхджын кодтой майдантæй. Фæлæ йæ райсын къухы нæ бафтыд. Рæмудзæны къæрттæй фæцæф.
«Корректировщиктæ дæр дзы куыннæ уыди. Иумæ куыстам. Уым фæцæф дæн. Ныгуылæн Украинæ, Чертоковæйы цур», – загъы Андрей Тихонович.
Бирæ азты фæстæ 2010 азы майдан йæ хицауы ссардта. Специалисттæ йæ рабæрæг кодтой Мæскуыйы хъахъхъæнынады министрады хайæдтæй иуы. Хъыгагæн, хæстон лæджы хъизæмар фæндæгтæ нæ фесты. Нæлгоймаг йæхи фатеры дæр нæ цæры. Йæ цæрæн уæвæртæ куыд æмбæлы, афтæ не сты, æмæ йæ хъæуы æххуыс. Ветеран куыд зæгъы, афтæмæй курдиат цалдæр ранмæ балæвæрдта, фæлæ æххуысгæнæг.
Кæд зындзинæдтæ бирæ æййафы, уæддæр йæ къухтæ нæ уадзы. Æмæ йæ уырны цы – Райгуырæн Фыдыбæстæйы сæраппонд тох кодта, уый йæ кæй нæ ферох кæндзæн.
















