70 æвзонг хъазахъхъаджы ард бахордтой æмæ систы æхсæнады æххæстбарджын уæнгтæ. Ардхæрды размæ сын Хохы Санибайы аргъуаны уыд кадджын аргъуыд. Рауад дзы æцæг бæрæгбон. Цины мадзалмæ бафтыд не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ йæ ныртæккæ равдисдзыстæм.
Цард Фыдыбæстæйæн, Уд Хуыцауæн, Кад æмæ Намыс – никæмæн. Уый у хъазахъхъæгты девиз. Сæ ном бахъахъхъæнын – цардæй зынаргъдæр у. Афтæ хъуыды кæны Болататы Æхсарбег дæр. 20 азæй фылдæр æнувыд у хъазахъхъæгты фарныл. Сæ рæнхъытæм бахауыны размæ нæлгоймаг йæхи саргъуыдта.
Хуыцаубоны Хохы Санибайы уыд кадджын бæрæгбон. Республикæйы алы районтæй 100 адæймаджы бæрц æрæмбырд сты бынæттон аргъуаны цур. Стырæй-чысылæй хæххон цæугæдоны сæхи цынадтой. Цæмæн куы бафæрсæм уæд хъазахъхъæгты ардбахæрды æнæмæнг фæкт у – аргъуыд райсын. Бирæтæ се нкъарæнтæ не мбæхсынц.
Ахæм мадзал Хохы Санибайы фыццаг хатт арæзт æрцыд. Хъазахъхъæгтæн раарфæ кодтой атаман, æхсæнады хистæртæ, ныййарджытæ, кадджын уазджытæ.
2005 азæй йæ тыхы бацыд хъазахъхъæгты бартæ хъахъхъæнæн закъон. Ацы азы июлæй фæстæмæ та ма сым бахастой ивддзинæдтæ. Ныр лæмбынæг дæр цæст дардзысты муниципалон объектты æдасдзинадмæ. Уыимæ хъахъхъæндзысты паддзахадон арæнтæ дæр.
Фæлтæрдджын хъазахъхъæгтæ ныр æфсæддон-патриотон хъомыладыл ахуыр кæндзысты фæсивæды æмæ сæ рæнхъытæм кæй райстой уыдоны. Сæ размæ лæууы бæлвырд хæслæвæрттæ. Сæ куысты сæйрагдæр у – фæсивæды чырыстон дины домæнтæм гæсгæ хъомыл кæнын æмæ хъазахъхъаджы ном бæрзонд хæссын.
















