Авд мæйы сæхи бар, æдзы хъæбысы. Фыранктæ Лео æмæ Лаурæ сты Кæсæг-Балхъары, Хостæ та ацыд мин километры бæрц, фæлæ уæддæр баззад Ирыстоны хæхты. Леопардты ауагътой фарон.
Хъуырылдарæн босты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæхты фæхстыл æмæ быдираг рæттыл Хостæ ныронг ауад 991 км. Йæхи тынг хорз æнкъары. Ууыл дзурæг сты æмбæхст къамисæн аппараттæ.
Фыранк Лео уæлвæзтæм схызт. Фыццæгты сырдтæ цуан кодтой лыстæг сырдтыл. Иу цасдæры фæстæ сын сæгуыт æрцахсын дæр бантыст. Иуæй-иу хатт тугдзых сырдтæ рахизынц дурджын рæттæм, сычъитæ кæм хизынц, уырдæм. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ леопардтæ адæм кæм цæрынц, уыцы бынæттæй сæхи дард кæй ласынц, уый.
















