preloader
сейчас в эфире
18:24
У синих скал 12+
Смотрите Далее
18:40
Кувæг Ир 12+
19:00
ХАБӔРТТӔ 12+
19:30
Среда влияния 12+
20:30
Дело мастера 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
У синих скал 12+
close

Горæтгæрон районы ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ тохы быдыры уавæрты

1.12.2020 22:05

Æвирхъау цауты рæстæг цæфтæ райсгæйæ афойнадыл фыццаг æххуыс бакæнын, зæрдæ æмæ рæуджыты реанимаци скæнын, уыимæ инструкторы амынддзинæдтæ раст æххæст кæнын. Алы лыстæгдзинадмæ дæр цæуы лæмбынæг каст. Экстремалон медицинæйы ахуырты Цæгат Ирыстоны архайдтой хъазахъхъæгты æхсæнад барадхъахъхъæнджытæ æмæ бархионтæ. Бæлвырддæр мадзалы тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.

Æвирхъау цауты рæстæг цæфтæ райсгæйæ афойнадыл фыццаг æххуыс бакæнын, зæрдæ æмæ рæуджыты реанимаци скæнын, уыимæ инструкторы амынддзинæдтæ раст æххæст кæнын. Алы лыстæгдзинадмæ дæр цæуы лæмбынæг каст. Экстремалон медицинæйы ахуырты Цæгат Ирыстоны архайдтой хъазахъхъæгты æхсæнад барадхъахъхъæнджытæ æмæ бархионтæ. Бæлвырддæр мадзалы тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.


Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, къорд бахауд æхстыты бын. Архайджытæн сæ иу уæззау цæф фæцис. Къорд алы бынæтты аппырх. Сæ хæс у, хъыгдæрд чи баййæфта, уый æдас ранмæ бахæццæ кæнын. Къуылымпы сæ кæны фæздæг.  Фыццаг уал æй бахастой хæстæгдæр бынатмæ. Ам ын бакæндзысты фыццаг медицинон æххуыс.

Дарддæр цæф адæймаджы æдас ранмæ ахæссынц. Къамандыгæнæг, дохтыр æмæ пулеметæй æхсæг. Бирæвæрсыг медицинон æххуыс кæныныл ахуыр кæнынц сæрмагонд манекенты руаджы. Амонынц сын, адæймаг цæфтæ куы райса кæнæ йæ зæрдæ куы æрлæууа, уæд ын медицинон æххуыс раст куы бакæнын хъæуы, уый. Алы къордмæ дæр йæ цæст дары инструктор. Бæстон сын амоны алы лыстæгдзинадтæ дæр. Цæф рæнимæ раст архайын, туг æрлæууын кæнын.

Ахуырты архайынц хъазахъæгты æхсæнады минæвæрттæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ бархионтæ. Тохы быдыры экстремалон уавæрты хи бафæлварын нымайынц стыр пайдайыл.

Экстремалон медицинæйы ахуыртæ сарæзтой проект «Технологии выживания- тактическая медицина»-йы фæлгæты. Проекты разамонæг у медицинон наукæты кандидат, дохтыр-хирург, Донецкы адæмон республикæйы медицинон службæйы хистæр лейтенант Юрий Евич. Проекты райрæзтыл архайынц 5 азæй фылдæр.

Цæгат Ирыстоны ахуыртæ ацыдысты центр «Тактика»-йы æххуысæй.

Сæ зонындзинæдтæ ахуырты рæстæг фæфылдæр кодтой 30 адæймаджы. Фидæны ма сæ фæнд кæнынц республикæйы ногæй саразын. Уыимæ ма дзы архайдзæн фылдæр адæм.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл
16.06.2026
Сæрд Куырттаты комы I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
15.06.2026 I Самое время
15.06.2026
Женский футбол | Доброе утро, Осетия!
15.06.2026
Заболевания легких I Медикум
14.06.2026
В итоге: 14.06.2026
14.06.2026
Борӕнты бинонтӕ I Дзӕнгӕрӕг
14.06.2026
Къостанты I Бинонтӕ
13.06.2026
Вячеслав Багаты I Статус тренер
13.06.2026
Гости с берегов Черного моря I Гвардия
13.06.2026
Алан Саламов | По большому счёту
12.06.2026
День России | Праздничный эфир
12.06.2026
Все рекомендуемое