37 хатты хи барвæндӕй æрдзон газы хызæгтæм йæ хæтæлтæ чи бафтыдта, ахæм пайдагæнæджы фæиппæрд кодтой.
Абонент цæры Хъæдгæроны. Нæлгоймаджы хæс 700 мин сомы сæрты ахызт. 8 хатты йæм тæрхондонæй æрбацыд гæххæт йæ хæстæ бафидыны хъусынгæнинагимæ. Барадхæлды фæдыл цалдæр хатты дзуапп лæвæрдта административон хуызы дæр. Цæмæй 38-æм хатт газы хæтæлтæм хибарæй мауал бавнала, уый тыххæй йæ фæиппæрд кодтой, сæрмагонд техникæйæ спайдагæнгæйæ. Растдæр зæгъгæйæ та, йын йæ газ алыг кодтой, зæххы бын цы хызæгтæ цæуы, уыдонæй.
Газпромы сидынц, цӕмӕй адӕм закъоны сæрты ма хизой, хæсдарджытӕ та сӕ хӕс реструктуризаци скæной.
















