Дзæуджыхъæуы цæгат-ныгуылæн хайы Хъæбæлоты Билары номыл уынджы ныссагътой кæрз бæласы 100 талайы. Мадзал сбастой хайады пъæлицæйæгты службæйы 100 азы бонимæ, стæй акци «Ваш участковый»-имæ.
Æдæппæтæй дзы архайдтой 50 адæймаджы. Мидхъуыддæгты оргæнты ветерантæ, Мидхъуыддæгты министрады цур æхсæнадон Совет, скъоладзаутæ, стæй районты хайæдты пъæлицæйæгтæ. Акцийы архайджытæ ма бафснайдтой фæзуат дæр.
















